Статистика ВК сообщества "5 слов на осетинском"

0+
Триколорджын ахуырдон · учебное заведение с триколором

Графики роста подписчиков

Лучшие посты

Телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы программæ «Изæры рад». 2022 азы 9 август.
Программæйы фыццаг æмбисы — студийы уазæг у нывгæнæг Джыккайты Мурат. Ацы бонты бæрæг кæны йæ 75 азы юбилей.

Дыккаг æмбисы уазæгуаты — Илаты Тимур. Æрæджы рацыдис поэт Токаты Алиханы (1893—1920) ног чиныг — «Цыкурайы фæрдыг». Цалдæр азы размæ Кокайты Тотрадз æнæнхъæлæджы ссардта кæйдæр къухфыстытæ, æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон уыдысты, Ирыстоны кæсæг дзыллæтæн зындгонд æппындæр чи нæу, Токаты Алиханы ахæм æмдзæвгæты рафыст (кæйдæр къухæй). Тотрадз сæ раиртæста, бабæстон кодта æмæ рауагъта. Чиныджы тыххæй дзуры студийы уазæг Илаты Тимур, ис ма дзы Кокайты Тотрадзы чысыл интервью.

2 0 ER 0.2889
Иу мыггаджы зындгонд ахуыргæндтæ стыр æвæрæн бахастой рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ. Сæ наукон куыстытæ ахъаз сты мадæлон æвзаджы райрæзтæн, стæй нырыккон журналистикæйы сусæгдзинæдтæ раргом кæнынæн. Тахъазты мыггаджы минæвæрттæ сты нæ радон равдысты уазджытæ.

0 0 ER 0.2201
Двуязычный прививочный сертификат из Южной Осетии.

#прививки #двуязычие #осетинский #ЮжнаяОсетия

1 0 ER 0.1926
Публикуем подборку полезных источников для изучения осетинского языка. Если вы планировали „с нового года“ начать — можете чуть более конкретно подготовиться.

#осетинский #осетинскийЯзык #иронÆвзаг #Осетия

6 0 ER 0.2561
Цæрайы «Судзаг æвзаджы» 2022-æм азы фыццаг рауагъд.

Ивгъуыд æнусы 60-æм æзты нæ литературæйы цы ног «уылæн» фæзынд, уымæн Малиты Васо хауы йæ ирддæр минæвæрттæм. Ацы рауагъды æвзарæм фыссæджы хъуыстгонд уацмыс — уацау «Гуйман». Васо дзы æвдисы, колхозы сæрдары ном куыд фæхудинаг кодтой, уый. Ахæм сюжеттæ та советон литературæйы стæмтæ уыдысты. Чиныджы файл райсæн ис электрон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-ы (æрвитæн фыццаг комментарийы).

ТÆНЗÆРДÆ: «...афтæ фидауы нæлгоймагыл дæр йæ тæнзæрдæ».
ЦЪÆТДЖЫН: «Фæлæ трагикон хæкъуырццы бæсты райхъуыст цъæтджын сынтæджы хъыс-хъыс».
ТЕНКА: «Хъæццулы бынæй ма йæ сæры тенка зыны».
АРТÆНСКЪУЫДТÆ: «Артæнскъуыдтæ кæны фырхудæгæй».
КЪАЛА: «Нæ, йæхи цæсты къала бæлас ма уына æмæ искæй цæсты æрдумæ амона — Гуйманы ахæмæй нæ зонын».
БЫДЗÆУ: «Айдæнæй мæм, быдзæуы хуызæн, хæлиудзыхæй касти агрофачы фыццаг курсы студент».
ХИХСÆН: «Артæфтыд агъуыстæй лидзæгау разгъордтой хихсæнæй».
АУУОНДАР: «Заретæ мæм æдзынæг кæсы урс къуымбилы ставд æндахæй быд пæлæхсар худы чысыл аууондары бынæй».
ЧЫРС: «Скастæн хæрдмæ — акъациты хихтæй чырс кæлы æвзист лæхурæгæй».
ИРДГÆ: «Изæрон уазал ирдгæ нæм хæрзæггурæггаг фæци».
ÆНÆЛАЗ: «Йæ зæнгтæ нывыл ставд, раст, æнæлаз».
АГЪУЫД: «Цæй агъуыд у!».

3 1 ER 0.1877
ÆРЗАДИ ХЪÆДЫ ЗАЗ БÆЛАС
(Дзасохты Музаферы тæлмац)

Æрзади хъæды заз бæлас,
Æрзади, хъæды рæзт.
Сæрдæй, зымæгæй цъæх пæлæз
Йæ уæлæ уыд æмбæрзт.

Тымыгъ ын кодта зарджытæ:
«Лолотæ кæн, фынæй!»
Ныууæрста-иу æй миты бын, —
Нæ басийа цæмæй.

Тæппуд тæкку-иу* хъазыди
Йæ быны, цинæй рад.
Куы та-иу бирæгъ, цъæх бирæгъ
Йæ рæзты сиргæ ’руад.

[*] Тæкку — зайчишка.
Кæцæй ист у æмдзæвгæ:
Куыдзойты А. Ирон æвзаг: ахуыргæнæн чиныг 8 къласæн. — Дзæуджыхъæу: СЕМ, 2010
——————————————
Дзасохты Музаферы чиныг «Дæллаг Ир»-æй скъуыддзаг:

Фадеев Александр нæ бæстæйы фысджыты Цæдисы сæрдарæй бирæ фæкуыста. Уыцы бынаты уыди суанг йæ амæлæты боны онг. Цыппорæм азты дыккаг æмбис уыдаид, æвæццæгæн, адæмыл хæсты фæстиуджытæ уæлдай тынгдæр куы ’руæз кодтой, уæд фысджыты Цæдисы сæрдармæ æрбацыд иу зæронд ус. Йæ иу къухы лæдзæг, йе ’ннæйы — зæронд хызын, афтæмæй бахызти Фадеевы кусæн уатмæ бацæуæнмæ. Æрыгон чызгæн бамбарын кодта, сæрдаримæ йæ фембæлын кæй фæнды.
— Куы мæ фæрса, чи у, зæгъгæ, уæд ын цы дзуапп ратдзынæн? — батыхсæгау кодта чызг.
— Зæронд ус, зæгъгæ йын зæгъдзынæ, кæддæр, зæгъ, æмдзæвгæтæ дæр фыста...
— Мæнæ уал ам æрбад, — бандонмæ йын ацамыдта секретарь, — ныртæккæ йын зæгъдзынæн. — Иучысыл мидсагъæсы уавæры фæуæвгæйæ, дызæрдыггæнгæ сыстад æмæ уыцы нæвæндонæй дуарыл йе уæхскæй бахæцыд.
Фадеев цыдæр фыста, фæлæ дуары уынæр айхъусгæйæ, йæ кусын фæуагъта æмæ секретарьмæ скаст. Уый, цыма цыдæр æгъдау халы æмæ рагацау йæ рæдыдыл сæтты, ахæм хъæлæсыуагæй хатыркурæгау сдзырдта:
— Иу зæронд ус дæм æрбацыди...
— Цавæр зæронд ус? — бустæхуызæй йæ сонт фарст акодта лæг.
— Тынг зæронд ус. Лæдзæджы æнцæйтты тыххæй цæуы. Мæгуыр... Æмдзæвгæтæ, дам, фыстон.
Фæстаг ныхæстæ айхъусгæйæ, Фадеев фæфæлмæндæр. Иуцъус æдзæмæй алæууыд, стæй, цыма зæронд ус кæй æрбацыд, уый чызджы аххос уыд, афтæ бардзырд дæттæгау загъта:
— Фæдзур æм...
Чызг йæхинымæр сцин кодта, цыма, дзæбæхæй рацæуæн кæцæй нал уыд, уырдыгæй сæрæгасæй раирвæзт, уыйау æмæ феддæдуар. Чысыл фæстæдæр къæсæрыл æд лæдзæг æмæ æд хызын æрбахызт зæронд ус. Фадеевмæ хæстæгдæр цы бандон уыд, ууыл æрбадт, йæ дзæкъулы зæронд йæ уæрджытыл æрæвæрдта æмæ йæ лæдзæгыл æрæнцойгæнгæйæ загъта:
— Зын цард мæ æрбахуыдта ардæм, Алыксандры фырт. Базæронд дæн. Чи мын баххуыс кæна, иу ахæм адæймаг ацы зæххыл нæй. Дæуыл ма мæ зæрдæ дардтон æмæ дæм æрбацыдтæн...
Фадеев йæ тымбылкъухтæ йæ ныхмæ ныббыцæу кодта æмæ сагъæсы бацыди, сылгоймагимæ сæ ныхас куыд тагъддæр æмæ хуыздæрæй ахицæн уа, ууыл. Зæронд ус йæ хъæстытæ фæци, уæддæр Фадеев йæ ныхас цæмæй райдайа, уый нæма зыдта. Æваст йæ зæрдыл æрбалæууыд, секретарь ын, зæронд ус æмдзæвгæтæ фыста, зæгъгæ, кæй загъта æмæ йæ афарста:
— Æмдзæвгæтæ фыстай, зæгъгæ мын загътой...
— Фыстон бæргæ æмдзæвгæтæ дæр. Стæй ма ныр дæр искуы иу хатт цыдæртæ ахылы-мылы кæнын...
Фадеев та, дарддæр цы дзура, уый нал зыдта, стæй йæ æваст афарста:
— Иуцалдæр рæнхъы радзурын дзы дæ бон никæцыйæ у?
— Цæуылнæ? — чысыл фæхъæлдзæгдæр зæронд ус æмæ, йæ лæдзæджы æххуысæй бандоныл арфдæр æрбадгæйæ, райдыдта:
В лесу родилась елочка,
В лесу она росла,
Зимой и летом стройная,
Зеленая была.
Уыцы рæнхъытæ айхъусгæйæ, Фадеев йæ бынатæй фестад, йæ армытъæпæнтæ стъолыл авæрдта, зæронд усмæ æргуыбыр кодта æмæ æппæты диссагдæр хабар фехъусæгау бафарста:
— Уыцы æмдзæвгæ ды ныффыстай?..
— Æз æй бæргæ ныффыстон, дæ фæхъхъау фæуон...
Фадеев йæ бынаты æрбадт æмæ, йæ цæстытæ йæ дыууæ армытъæпæнæй бамбæрзгæйæ, хъуыдыты аныгъуылд. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ сабибонтæ. Æрымысыд, гыццыл лæппуйæ-иу ын уыцы зарæг йæ мад куыд зарыд æмæ-иу, заз бæласы йæ бындзарыл кæм алыг кодтой, уыцы бынатмæ куы ’рхæццæ, уæд-иу йæ цæссыгтæ куыд æркалдысты...
Фадеев зæронд усæн зæрдæ бавæрдта, кæй йын баххуыс кæндзæн, уымæй æмæ йæ къæсæргæронмæ рафæндараст кодта. Уый фæстæ секретарьмæ фæдзырдта æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй зæронд усæн дыууæ курдиаты ныффыссын кæна, иу баххуысы тыххæй, иннæ — фысджыты Цæдисмæ райсыны тыххæй...
Субботин зæронд усы ном æмæ мыггаг нæ фыссы, фæлæ зындгонд зарæг «Заз бæлас»-ы ныхæстæ («Æрзади хъæды заз бæлас...») ныффыста Кудашева Раисæ (1878–1964). Йæ зарæг ын дæс æмæ дыууиссæдз азы æнхъæлдтой адæмон, афтæмæй та йæ ныффыссæг хæрзæрæджыйы онг дæр æгас уыди.
Куыд дзурынц, афтæмæй Кудашева æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта æстдæсаздзыдæй. Мыхуыр сæ кодта сывæллæтты журналты. Йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг мыхуыры рацыди 1957 азы, нудæс æмæ йыл æртиссæдз азы куы цыди, уæд.
Æвæдза, иунæг ахæм «Заз бæлас» куы ныссадзай литературон хъæды, уæд дæр фаг у. Дæ уацмыстæй иу уæддæр ахæм бынат куы ’рцахса адæмы зæрдæты, уæддæр дæ бон фидарæй зæгъын у: дзæгъæлы нæ фæцардтæн...
Нæ бæстæ сур зæххы æхсæзæм хай куы ахста, уæд фысджыты Цæдисы уæнгтæ дæс минæй фылдæр уыдысты. Уыдонæй алчидæр ахæм «Заз бæлас» куы ныссагътаид, уæд улæфын цас æнцондæр уаид! Ахуыргæндтæ хъæд зæххы «рæуджытæ» хонынц. Уæ цæстытыл-ма ауайын кæнут, дæс мин «Заз бæласы» цы хъæды уаид, уый æрвылбон цас хорздзинæдты цæуид дзыллæтæн!
Литературæ дæр æрдзы иннæ фæзындтыты хуызæн у. Йæ бирæ æдзух — æдзух нæ, фæлæ арæхдæр — йæ хорзыл дзурæг нæу. Бирæ, хорз куы нæ уа, уæд хохæй дæр нæ ахады, хорз чысыл куы уа, уæд дæр хохау куыд ахады, афтæ.

6 0 ER 0.1884
Малити Георги
ФЕДОГ
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуетæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.
Арвмæ мæсуг амайетæ,
Хормæ скæнетæ фæндаг,
Гъæйтт, зæрдиуагæй уаетæ,
Догъи ма уотæ фæстаг!
Тари цæфсæд сæребарæ,
Мегъи сорæд æ тунтæй,
Цард мабал уæд гъезæмарæ,
Зæнхæ райзол уæд рунтæй.
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуетæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.
1919

0 0 ER 0.1095
* * *
Дзасохты Музафер

(Сывæллонæй ист кæм дæн,
уыцы къаммæ кæсгæйæ)

Дæ цъæх цæстытæй мæм æнкъардæй
Кæсыс ды сабидуджы дардæй.

Цыдис дыл уæд мæйтæ цыппæрдæс,
Сыхæгты ус нын уыд æвгъæдгæс.

Хæцыс дæ гыццыл къухтæй фидар
Нæ бандоныл, дæ фарсмæ — чидæр.

Æнкъард цæстытæй мæм ныккастæ,
Æмбæрстай, цымæ, уагæр цастæ?

Æви зыдтай, кæй уыдзæн махæн
Нæ цард, фыддæр нæма уыд, ахæм?..
2005.01.12

0 0 ER 0.0941
18 июны (сабаты) 11 сахатыл Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн национ чиныджы дыккаг армукъа-фестиваль «Бакæсæм иумæ».

Мадзал уыдзæн уазæгдзæрæн «Владикавказ»-ы бакомкоммæ (уазæгдзæрæнæй къаххиды ’хсæн фæзгонды).
Адрис: Коцойты Арсены уынг, 75.

1 0 ER 0.0870
«Судзаг æвзаг».
Амонæг — Дзанайты Цæра.

Абон æвзарæм Хъазиты Мелитоны монографи Къостайы тыххæй. Иртасæг сæмбырд кодта, Хетæджы-фыртæн ирон адæм æмæ ирон поэттæ цы номарæн æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ ныффыстой, уыдон. Мах та дзы цымыдисаг дзырдтæ рацагуырдтам.

ФЫССЫНАД: «Нæ ирон адæм фыссынад куы райстам, ахуыр адæм æмæ нæм ахуыргæндтæ куы рахъомыл сты».
СÆРФАТ: «Æрмæстдæр уыцы „сæрфат“ агургæйæ суыдаид йæ адæмы сæрхъуызой».
ФÆТÆГ: «Царды дæр æмæ нын монон хъуыды кæнынады дæр уыд æмæ у фæтæджы хуызæн».
РÆМОН: «Уым Хетæгæн рæмон бон Къоста райгуырд сæнарыл».
ÆЛГЪИН: «Ирон лæг, удæгас адæймаг цыфæнды зæд куы феста, уæддæр уый тыххæй стыр дзырдтыл æлгъин у».
ФИДИЙЫН: «Æмæ нæй фидийæн сæ арфæтæн æппын?»
ФÆЛГÆТ: «Къостайы хуызæн поэттæ æмæ адæймæгтæн иу нацийы фæлгæттæ уынгæг сты».
ЗГЪУЫД: «Уыдон, стæй æндæр поэтикон згъуыдтæ авторы æвæлтæрдзинадыл дзурæг сты».

1 0 ER 0.0757